Фæдис! Фæхудинаг стæм!

Печать
 МÆ КАТАЙ, МÆ МÆТ
Бæргæ, мæ уацхъуыдæн æндæр сæргонд куы скодтаин, фæлæ цы цæсгомæй, кæд æмæ цы фарстайыл у мæ дзырд, уый абон нæ иууыл стырдæр хынцинаг хабæрттæй иу у.
Махмæ, ирон адæммæ, тынг бирæ хорздзинæдтæ ис: нæ фылдæртæ сæ сыгъдæг удтæй хъарынц, цæмæй бынтон ма фесæфой нæ фыдæлты 'взаг, сæ кад, сæ фарн æмæ сæ намыс.


Фæлæ бонæй бонмæ зындæрæй зындæр кæны ацы вазыгджын хъуыддагыл архайын: кæддæры цард æмæ уавæртæн абонимæ барæн нæй. Тынг аивтой рæстæг дæр æмæ нæ ирон адæм дæр. Нæ риутæ ма баргæ хойæм, мах намысджын аланты байзæдтæгтæ стæм, зæгъгæ, фæлæ дзурын æнцон у... Нæ бирæтæ йæ не 'мбарынц, нæ сæттынц ууыл, æмæ зæфцы фыдæй заууатмæ кæй цæуынц нæ диссаджы дзæбæх æгъдæуттæ. Кæддæр сæрыстыр кæмæй уыдыстæм, нæ уыцы удварны хазнатыл дæр нæ къух æнцонæй ауыгътам. Мæнæ "фæндараст", зæгъгæ, куыд акæнæм уырысагау та "пока", афтæ.

Дуг дуджы ивы, рæстæг размæ тындзы æмæ царды цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдон æхсæнадыл æдзух хорзырдæм нæ зынынц. Бирæ, тынг бирæ æрдзуринаг фарстатæ нæм ис абоны зынвадат, æмтъеры царды фæдыл, æмæ сыл нæ куырыхон лæгтæ бæргæ дзурынц, фæлæ ма йæ иухатт загъын - хъуыддаг размæ нæ цæуы. Цæмæн? Уымæн æмæ хатгай æгæр арæх стынг кæнæм уыцы иу фарста. Зæгъæм - нæ мадæлон æвзагыл.

Ницы дзы уайы, хуыздæр нæ кæны йæ уавæр. Цалдæр боны размæ мæ сыхаг æппæлы кæмæндæр: "Мæ племянницæйы Питермæ апровожать кодтон, пирæжоктæ йын фæндагмæ ажаритт кодтон!"

Цæрæн бирæуæладзыгон хæдзары кæрты нæлгоймæгты 'хсæн ныхас бацайдагъ, фынгыл бадгæйæ: "Кусартæн йæ галиу æви йæ рахиз хъус ралыг кæны хистæр. Цы уæлдай у? Стыр рæдылдыл æй ничи банымайдзæн, галиуы бæсты, рахиз куы радта кастæрæн, уæд. Фæлтау нæ худинаджы хабæрттыл куы рисиккой нæ зæрдæтæ!"

Знон ацыдтæн цалдæр уæлмæрдмæ æмæ ма зæрдæйыл мæ къухæй хæцгæ æрбаздæхтдæн: уарынты фæстæ тынг æдзæллаг уавæры сты ингæнтæн сæ фылдæр. Кæрдæг, пыхс æмæ сындзыты бынæй цыртдзæвæнтæ нал зынынц. "Фæдис! Худинаг кæнынц нæ сæртæ!"- зæгъгæ, бæргæ ныхъхъæр кодтаин, фæлæ мæ ничи фехъуыстаид.

Стæй мæ, æвæццæгæн, бирæтæ æлгъитгæ дæр ракæндзысты цы йæ хъуыддаг ис, нæ мæрдты нын нал ныуадздзæн, зæгъгæ. Фæлæ æз бафæрадзынæн ацы хатт дæр та. Бауырнæд уæ, газеткæсджытæ, сындзгæрдæджыты 'хсæн цыртдзæвæнтæм-иу тыхамæлттæй куы бацыдтæн, сæ мыггæгтæ сын фенон, зæгъгæ, уæд-иу фефсæрмы дæн. Къамтæй мæм цы мæрдтæ каст, уыдоны цастытæ афтæ 'нкъард уыдысты æмæ мæ зæрдæ бауынгæг, кæугæ дæр акодтон. Афтæ мæм факаст, цыма мæ æххуыс агурынц, мæ инган ма мын иучысыл банывыл кæн, хуры цъхыртт мæм нæ кæсы, зæгъгæ.

Цæмæн ахæм æгады бынатмæ артардтам мах, сæрыстыр ирæттæ, нæ уæлмæрдтæ!? Зиан ныл куы 'рцæуы (Хуыцау не 'ппæты дæр хъахъхъæнæд бæллæхæй), уæд нæхи фæхойæм, буц кæнæм марды, цалдæр боны æмæ æхсæвы йæ уæлхъус вæййæм, æнæфæразгæйæ дæр ын фастаг "хæрзбон" зæгъынмæ згъорæм. Куыддæр æй саумæры бын фæкæнæм, афтæ йæ бирæтæ бынтон рохуатмæ æртæрынц. Уый раст нæу.

Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ алы бон уæлмардæ хъуамæ цæуæм, фæлæ афæдз цалдæр хатты хæстæджы ингæн абæрæг кæнын нæ алкæйы хæс дæр у. Мах нæ кæстæртæн дæр хъуамæ æмбарын кæнæм, худинаг кæй у, марды бырон æмæ пыхсы бын дарын. Не'ппæт дæр уыдоны уавæрмæ хъæуы, гуыргæ чи ракæны, уый уæлæуыл нæ баззайы цæргæ. Битнонтæй цæуы алцы дæр: цот сæ ныййарджытыл ахуыр кæнынц - хорз æмæ Æвзæрдзинадыл, дæр æмæ уый алы хистæр дæр хъуамæ æмбара.

...Нæ районы уæлмæрдтæй раппæлинаг иу дæр нæу, бынтон æдзæллаг та сты Беслæны уонтæ: хъæуты цæрджытæм, æвæццæгæн, горæтæгтæй ирондзинад тынгдæр хæццæ кæны.

Иу-цастæр рæстæджы фæстæ та абæрæг кæндзынæн нæ мæрдты фæстаг æрбынат (кæд мæуæдмæ ничи фæнæма, уæд) æмæ уæд æнæфсармæй ранымайдзынæн мыггагæй-мыггагмæ - йæ марды худинаджы бынатмæ чи æруагъта, уыдоны.

Бахатыр мын кæнут, фæлæ "æргом ныхасы къæм нæй", фæзæгъынц.

Хъыгзæрдæйæ Мыкагъаты Азæ, г.Беслан.
 


 

Фотоэкскурсия

Информеры


Яндекс.Погода

Информеры - курсы валют