«Колхоз адæмы дарæг у», - фæзæгъы Кæсæбиты Барис

Колхоз, совхоз — ацы ныхæсты цард аиуварс кодта æмæ сæ адæм рох кæнын байдыдтой. Ныртæккæ фылдæр фехъусæн ис – «фермер», «хъæууон-хæдзарадон кооператив», «хи куыстуат», «хицæн хæ- дзарад»… Фæлæ хуымæллæггæгтæ сæ хæдзарадыл сæ зæрдæтæ нæ аивтой. Баззадис сын колхозæй, кæцы хæссы Плиты Иссæйы ном. Æмæ уый йæ сæрдар Кæсæбиты Барисы хъæп- пæрисæй. Йемæ ныхас кæнгæйæ æнæмæнг фæзæгъы: «Колхоз у адæмы дарæг». Фæллойадон æгъдау дзы куыд æвæрд у, цы нысантæ йæм ис фидæнмæ, ахæм æмæ æндæр фарстаты фæдыл фембæлдыстæм хæдзарады сæрдаримæ.

Кæддæр советон дуджы йæ хорз куысты бæрæггæнæнтæй дæрдтыл хъуыстгонд колхоз, (уыцы заманты йын бирæ азты разамонæгæй куыстой Барисы фыд, хæсты ветеран, зындгонд зарæггæнæг Кæсæбиты Митя æмæ йæ хистæр æфсымæр, хъæууонхæдзарады сгуыхт кусæг Руслан. Авт.) ногцардарæзты зындзинæдтæ йæ уæлæ тынг бан- къардта, фæлæ сын фæцудын нæ бакуымдта. Уый йæ фæлтæрдджын сæрдары æмæ фæллойгæнджытæй йæ хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ каст, уыдоны фæрцы. Кæд иннæ хæдзарадты куыд уыди, афтæ хуымæллæггæгтæн дæр сæ техникæ базæронд, ивæн хæйттæ зынаргъæй æлхæдтой, фаг сæм-иу нæ уыд хъацæнтæ, мыггæгтæ, маргджын хостæ, бирæ уыдысты сæ хъалонтæ, уæддæр та-иу кæм æфстæутты, кæм Кæсæбийы фырты арæхстдзинады, йæ ныфсхаст хъуыддæгты фæрцы зæххытæ куыстгонд æрцыдысты. Иу-цалдæр азы сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ бакуыстой завод «Ариана»-йымæ дæр æмæ колхозы хабæрттæ уæд чысылгай хуыздæр кодтой. Фæлæ, куыд загътон, афтæмæй хæдзарад хæстæ бирæ дардта, 30 милуан сомæй фылдæр, фидын сæ хъуыд æмæ йын размæ тагъд къахдзæфтæ кæнын не ‘нтыст.

 

Абон йæ зындзинæдтæ фæстейы аззадысты. Фæллойгæнджытæ кусынц сæхи хъарутæй. Сæ зæххыты фæзуат ахсы 1300 гектары, 800 гектары бæрц та дзы ис фермерты къухы. Фæстаг фондз азы кусджытæн алы мæй дæр фыст цæуы сæ мызд. Сæ зæронд техникæ раивтой ногтæй. Бындуронæй сцалцæг кодтой бригады бæстыхæйттæ, бауагътой сæм электрон рухс, механизатортæн дзы ис фæлладуадзæн агъуыстытæ, хæрæндон, сæхимæ кæм базилой, ахæм бæстыхай, сæ техникæ цалцæг кæнынæн æрмадз, кæцыйы зымæг вæййы хъарм. Хæдзарад нæу кадртæ хъуаг. Уыцы куыстытæ конд цыдысты бригадир Бызыккаты Феликсы разамындæй, хорз бафыдæбон кодтой йе ‘ххуысгæнæг Тасойты Джумбер, механизатортæ Киситы Руслан, Гуыбиаты Отар, Хуыгаты Румен, Уæзæгты Нугзар, Бигъаты Хъазыбег, шофыртæ Кцойты Таймураз, Къудухты Виталий, Æгкацаты Алан дæр. Адонæй алчидæр йæ куыст бакæны æнæзæрдæхсай- гæйæ, сæ техникæ кæддæриддæр вæййы рæвдз.

Колхозы сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй сæм фидæнмæ нырма бирæ фæндтæ ис. Сæ зæрды сног кæнын ис фосдарынады къабаз. Зæронд скъæттæй иу бындуронæй цалцæг кæнынц æмæ иннæ аз уым æрбæттинаг сты рæуæдтæ…

Хæдзарад бирæ æхца искæмæн бафиды йæ хор бахус кæнынæн. Æмæ цæмæй алы аз ахæм хæрдзтæ мауал кæной, уый тыххæй уынаффæ рахастой хусгæнæн агрегат балхæнын, æвæргæ та йæ скæндзысты хорæфснайæн мусы. Бауагътой уал æм æрдзон газ, агрегаты тыххæй та сты ныхасгонд.

Хæдзарады ацы аз 150 гектары тыд уыд фæззыгæнд мæнæу. Бафснайдтой йæ æмæ дзы систой хорз тыллæг – гектарæй 35 центнеры. Æн- хъæлмæ кæсынц нартхоры сцæттæмæ дæр. Фарон сын гектар лæвæрдта 100 центнеры згъæлдæй, ныр дæр бæрæггæнæн къаддæр хъуамæ ма уа. Конд сæм ацы хуызы культурæйæ ис 900 гектары, 56 гектары та ма у се ‘хсынæны хуым.

Ныртæккæ хуымæллæггæгтæ най кæнын райдыдтой сæ сысджы. Уымæй дæр сæм конд ис 100 гектары. Фæлæ куыст къуылымпытæй цæуы, уарынтæ кæй хъыгдарынц, уый тыххæй. Къæвдаты аххосæй ныддæргъвæтин сты хъæмпæфснайыны куыстытæ дæр. Уыцыиу рæстæг механизатортæ архайынц фидæны тыллæгæн бындур сæвæрыныл. Куыстмæ бавналыны æввонг цæттæдзинады рæнхъы лæууынц хуымгæнæн æмæ тауæн агрегаттæ. Фæззыгæндтæ сæ зæрды байтауын ис ивгъуыд азæй дыууæ хаты фылдæр: 200 гектары мæнæу, 100 – хъæбæрхор.

Сæрдары ныхæстæ: «Колхоз адæмы дарæг у», уый мæхæдæг дæр бафиппайдтон. Йемæ ныхас кæнгæйæ йæ кабинетмæ æрбахызт асгомау сылгоймаг. Йæ курдиат уыдис, цæмæй йын иучысыл хорæй баххуыс кодтаид. Кæсæбийы фырт фестад йæ бынатæй, йæ размæ рахызт, йæ къух ын райста, стæй йын афтæ: "Ацу, дæ хæдзармæ дын барвитдзынæн", зæгъгæ. Сылгоймаг арфæтæгæнгæ зæрдæ- хъæлдзæгæй рацыд.

— Уый нæ ветерантæй Уалыты Асиат у. Хъугдуцæгæй бирæ фæкуыста йæ рæстæджы. Куынæ æрбацыдаид, уæддæр ын йæ хай барвыстаин, афтæ баххуыс кæнæм раздæры колхозонтæй 50 адæймагæй фылдæрæн, — цыма нын нæ фарстайы хъуыды бамбæста, афтæ дзуапп дæттынмæ фæраздæр Барис.

Фæстæмæ здæхгæйæ нæ фæндаг акодтам тракторон бригадыл. Уыди сихормæ æввахс, æмæ хæринаггæнæг Бызыккаты Тамарæ цы аходæн цæттæ кодта, уымæн йæ хæрзад тæф хæрæндонæй æддæмæ бырста. Механизатортæ та кæрты сæ трактортимæ архайдтой. Уæзæгты Нугзары афарстон, сæ фæллойæ разы сты æви нæ, зæгъгæ. Уый афтæ:

— Нæ фæллойæ нæ зæрдæ тынг райы. Быдырон куыстытæ сæ цырены куы вæййынц, уæд мызд райсæм 30 мин сомæй уæлæмæ, мæйæ-мæймæ æнæ къуылымпыйæ. Куы æрмынæг вæййынц, фылдæр уарынты аххосæй, уæд дæр нæ 10-гай минтæ райсæм. Æз ам 1975 азæй нырмæ бадын тракторыл. Иу рæстæг гыццыл иуварс акуыстон, фæлæ-иу мæ зæрдæ æппынæдзух ардæм æхсайдта. Нæ бафæрæзтон æмæ фæстæмæ æрбаздæхтæн.

Сæ куыстæй райгонд кæй сты, сæ сæрдар сыл зæрдæйæ кæй тыхсы, уый нæ басусæг кодтой иннæ механизатортæ дæр. Æмхуызонæй дæр æппæлынмæ фесты.

ХОСОНТЫ Земфирæ. Къамтæ систа СУГЪАРАТЫ Кристинæ.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ