Æнустæм цæрзæн æдæмы зæрдæты йæ ном

Куыд зын у, куыд, æдзард кæстæры ном арын. Уæлдайдæр та æнæнхъæлæджы йæ бинонтæй, хæстæджытæй, йе ‘мгæрттæй куы ахицæн вæййы, æмæ сæ цæссыг калгæ, маройгæнгæ куы ныууадзы, уæд.

Саби дунемæ куы фæзыны, уæд йæ ныййарджытæ бацин кæнынц, стæй ма лæппу куы вæййы, уæд та сæ цинæн кæрон дæр нал вæййы, сæхи фæхонынц амондджын. Скæнынц куывд, бафæдзæхсынц ноггуырды Стыр Хуыцау, Уастырджи æмæ иннæ дзуæрттыл. Зæгъынц, сабийы райгуырæн бон, дам, арвыл ссудзы йæ номыл ног стъалы. Уый, дам, цас ирддæр æмæ асæй стырдæр уа, уыйас сабийæн йæ хъысмæт амондджындæр вæййы. Зилгæйаг Дзгойты Пустиччы хæдзары ноггуырд лæппу Олег куы фæзынд, уæд ыл, æвæццæгæн, йæ куывды хистæрæн чи бадт, уый табутæ не ‘рцыдысты, стæй уæларвы йе стъалы дæр уый бæрц тæмæнтæ не скалдта, æмæ йæ хъысмæт амондджын уымæн нæ фæци.

Олег райгуырд æмæ схъомыл зæхкусæг, царды ад йæ къухты фæллойæ чи бавзæрста, ахæм фæрныг бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Пустик йæ чысылæй фæстæмæ йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй куыста колхозы тракторыл. Каникулты рæстæг та-иу Оледжы кодта йемæ быдырмæ æмæ йæ зонгæ кодта техникæйы сусæгдзинæдтимæ. Æрыгон лæппу уайтагъд куыстыл фæцалх механизаторы дæсниад афтæ бирæ бауарзта, æмæ йæ йæ фыды æххуыс дæр нал хъуыд, йæхæдæг иунæгæй кодта хуым дæр, садзгæ дæр æмæ ноджы æндæр куыстытæ. Фæстæдæр, Олег æфсады службæгæнгæйæ фыста: «Тагъд мын ратдзысты ног трактор Т-155 æмæ дзы ласдзынæн дон салдæтты хæрæндонмæ». Уæдæ Олег скъолаты дæр фæзминаг, раззагдæртыл нымад кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу, уымæн æз мæхæдæг дæн цардæгас æвдисæн, уыдтæн скъолайы директор, стæй йын лæвæрдтон математикæйы уроктæ æмæ мæ цæстытыл уайы йæ сурæт, куыд хæрзæгъдау, коммæгæс, æцæг ирон лæппу кæй фæхонынц, ахæмæй æмæ йын йæ ном дæр уый тыххæй арын абон. Олег скъола каст куы фæци, уæд ма иучысыл рæстæг акуыста колхозы тракторыл, стæй йæм фæсидтысты службæ кæнынмæ æфсады рæнхъытæм. Йæ интернационалон хæс æххæстгæнгæйæ, бахаудта Афганистаны хæсты цæхæрмæ. Мæнæ куыд фыстой уæды рæстæджы 4 майы 1986 азы газет «Советская Россия»-йы Оледжы тыххæй:

«Цæрæнуæттæ фаг кæй нæ уыдис салдæттæн, уый тыххæй арæзтой сæхицæн рæстæгмæйы бæстыхæйттæ, семæ фыдæбон кодтой Олег, цы сгарæг хайадæн разамынд лæвæрдта, уыцы салдæттæ дæр. Афтæ дæр-иу хаттæй-хатт рауад, æмæ салдæттæ дæргъвæтин рæстæг уыдысты æнæ дон, æнæ хæринаг, фæлæ уæддæр сæ ныфс, сæ хъару нæ саст, куыстой æнæкъуылымпыйæ. Стæй ма, афтæмæй уыдысты цырддзаст, уыцы æвзыгъд лæппутæ знаджы фæзындтытæм дæр. 27 июлы Оледжы сгарæг хайадæн бабар кодтой, цæмæй душмантæ цы районы æрбынат кодтой, уый сбæлвырд кæной, нымæцæй дæр цас сты, цавæр хæцæнгæрзтæ сæм уыд, стæй къухы кæд бафта, уæд ма «æвзаг» дæр æрбакæнын.

Фæндагыл цæугæйæ æнæнхъæлæджы хæрхæмбæлд фесты сæ размæ цы гæрзифтонг душмантæ бабадт, уыдонимæ. Се ‘хсæн сцырен тугкалæн хæст. Душмантæ рагацау сæхицæн скъахтой акъоппытæ æмæ уырдыгæй æхстой салдатты. Быдыр уыди лæгъз, лæг дзы йæхи кæм амбæхстаид, уый нæ уыд, стæй душманты нымæц уыд дзæвгар фылдæр, æмæ уыцы æнæраст хæсты, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ салдæттæ фæмард. Хæцгæ-хæцын æвиппайды кæйдæр хъæр фæцыд: Олег фæцæф, зæгъгæ. Йе ‘мбæлттæ ма йæм бæргæ рæвдз февнæлдтой æмæ йæ иуварс ахастой, фæлæ дæ балгъитæг дæр афтæ, Оледжы æрыгон зæрдæ йæ куыстæй ныллæууыд. Йе ‘мбæлттæ йын уæддæр ахæм зын уавæры райстой йæ туг, сæ размæ цы душмантæ бабадт, уыдон иууылдæр цагъд æрцыдысты. Афтæ хъайтарæй фæмард Дзгойты Олег.

Йæ сау чырын ын сластой Ирыстонмæ, æмæ йæ кад æмæ радимæ бавæрдтой йæ райгуырæн хъæу Зилгæйы уæлмæрдты.

Олег у ныры фæсивæдæн фæзминаг. Службæйы лæгдзинад кæй æвдыста, æвзыгъд лæппу кæй уыд, уый бæрæг уыд йæ риу ын цы хæрзиуджытæ фидауын кодтой, уыдонæй. Лæвæрд ын æрцыд майдантæ: «От благодарного Афганского народа», «Воину-интернационалисту», «Пролетарии всех стран, соединяйтесь” æмæ ма ноджы æндæр хæрзиуджытæ дæр".

Бæласы уидæгтæ, цас зæххы арфдæр ацæуынц, уыйас йæхи хъæддыхдæрæй фенкъары, фæразондæр вæййы æрдзы алыхуызон уадтымыгътæн. Афтæ у ныййарæджы хъысмæт дæр. Цардмæ цы цот рауадзынц, уыдон сын раст фæндагыл лæуд куы æрцæуынц, нывыл бынат куы æрцахсынц, уæд ныййарджыты бæллиц сæххæст вæййы, æмæ уый стыр амондыл нымад у. Нæ фæхайджын ахæм ныййарæджы амондæй Пустик. Йæ удæй арт цагъта, алыхуызон мадзæлттæ агуырдта, цæмæй йæ лæппу адæмы рæнхъ рацæуа, фæлæ йæ фæдтæ йæ къухы нæ бафтыдысты.

Оледжы мæлæтыл кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр йæ ныййарджыты зæрдæты хъæдгæмттæ нæ дзæбæх кæнынц. Уымæн æмæ ный- йарæг ныййарæг у, уымæй тынгдæр никæмæ хъары йæ сывæллоны маст, æмæ æнустæм йæ зæрдæйы арф ныххизы.

Цард цард у, йæ цыдæн ын бауромæн нæй, уый æнæрцæф дугъон бæхау размæ тындзы. Оледжы фæстæ Зилгæйы хъæубæсты хъомыл кæнынц фæсивæд, иу фæлтæр иннæйы ивгæйæ. Æмæ Олег йæ райгуырæн бæстæ, йæ адæмыл куыд æнувыд уыд, куыд сæ уарзта, уый у фæзминаг рæзгæ фæсивæдæн. Хорз уаид, хъæуы администраци куы рахæссид уынаффæ æмæ Дзгойты Оледжы рухс ном куы сæнусон кæниккой. Йæ сабийы бонтæ кæм арвыста, уыцы Зилгæйы уынгтæй иу йæ ном куы хæссид, уæд.

ХÆМЫЦАТЫ Раман, æхсæнадон уацхæссæг.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ