Культурæйы галуаны сценæйыл – «Сау лæппу»

Кæд сæрд ралæууыд, уæддæр фестиваль «Театралон уалдзæг» дарддæр йæ куыст кæны æмæ ивгъуыд дыццæджы Рахизфарсы районмæ дæр æрхæццæ. Культурæйы галуаны адæмон театр аивадуарзджыты размæ рахаста Айларты Асæхмæты комеди «Сау лæппу», кæцы бацæттæ кодта хæдахуыр артисттимæ нæ республикæйы адæмон артист коллекивы разамонæг Фидараты Альберт. Дзырд «адæмон» не ‘взагæй гыццылгай фесæфт, фæлæ ма йæ фехъусæн ис мæнæ ахæм хихъæппæрисадон къордты нæмтты. Ам, театр бирæ чи уарзы æмæ ма уый уæлæмхас курдиат дæр кæмæ ис, уыдон зæрдиагæй архайынц, къуыри дыууæ-æртæ хатты æрбацæуынц галуанмæ æмæ Альберты амындтытæ хынцгæйæ æвæрынц спектакльтæ.

Дзæуджыхъæуæй сын сæ фæллойæн аргъ скæнынмæ æрцыдысты режиссертæ Цæлыккаты Земфирæ, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Академион драмон театры нывгæнæг- æвæрæг Эмма Вергелис, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хъæцмæзты Лазыр æмæ телеуынынады режиссер Кочиты Георги.

Сценæйыл цы ахастдзинæдтæ æвдыст æрцыд хæдахуыр артистты руаджы, уыдон алкæйы зæрдæмæ дæр кæй хъардтой, уымæн æвдисæн уыдысты залы бадджыты къухæмдзæгъд иуæй-иу рæтты, сæ худын. Гаппуаты Валери æмæ йæ бинойнаг Светланæ дыууæ сыхаджы сурæттыл зæрдиагæй бакуыстой, бантысти сын сæ ахастдзинæдты сусæгдзинæдтæ раргом кæнын. Кæд кæрæдзимæ хъæбæрдзыхæй сдзурынц Годзекка æмæ Лактемыр, уæддæр уый, се ‘рыгоны бонтæй нырмæ цы рæсугъд æнкъарæны ахæсты сты, уый бæрæггæнæн кæй у, ууыл дызæрдыг ничи фæуыдзæн.

Хорз сарæхстысты дыууæ æрыгон уарзоны æнкъарæнтæ равдисынмæ Милдзыхты Алинæ æмæ Джиголаты Давид. «Сау лæппу» Африкæйæ схæццæ йæ фыды агурæг, æмæ ам ссардта йæ амонд, кæд цæлхдуртæ лæууыд йæ размæ, уæддæр сарæхст сæ аиуварс кæнынмæ. Тынг фæхудын кодта адæмы Афæхъойы сурæт саразæг Бæройты Бексолтан дæр.

Спектакльмæ бакæсгæйæ та скодтам, иу хатт дæр ма, хатдзæг – сыгъдæг уарзондзинад цыфæнды зындзинæдтæн дæр ныббыхсдзæн, йæ бон бауыдзæн фæуæлахиз уæвын. Кæсджытæ сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд, аивады бæрæгбон сын чи балæвар кодта, уыцы артисттæн, режиссерæн, музыкæйыл бакусæг Туаты Тугъанæн, бирæ рæстæг сæ сценæйæ нæ ауагътой.

Равдысты фæстæ ракуырдтам Цæлыккаты Земфирæйæ, цæмæй йæ цæстæнгас зæгъа спектаклы тыххæй. Земфирæ цыма уыцы фарстамæ æнхъæлмæ каст, афтæ тынг мæстыйæ радзырда:

- Артисттæ æмæ режиссеры къухы сæ размæ ‘вæрд хæс сæххæст кæнын бæлвырдæй бафтыд, æмæ сын уый тыххæй бузныг, фæлæ мæ сæрмагондæй зæгъын фæнды залы бадджыты тыххæй. Тынг фыдкондæй равдыстой сæхи. Сывæллæтты ратæх-батæх, чырæг тилифонтæй радзур-бадзур, гуыппытæ æмæ тъæппытæ – ахæм атмосферæйы кусæнтæ ис? Кæд нæхи культурон адæм хонæм, уæд нæ уыцы митæ ныууадзын хъæуы…

Тынг мæсты уыд ацæргæ сылгоймаг, æмæ йæ бамбарын дæр æмбæлы. Мах тыххæй сæ удæй арт цагътой сценæйыд артисттæ, æмæ сын цæмæй фидæм сæ фыдæбон? Иу æмæ дыууæ хаты нæ, фæлæ алы равдысты, концерты дæр уыцы иухуызон ныв – æнæкæрон рацу-бацу, иуæй –иутæн сæ бон нæ вæййы сæ монцты рохтыл æрхæцын. Уæдæ ‘мæ нæхимæ лыстæг æркæсæм.

ГАПБАТЫ Алетæ.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ