Æфсины амонды цæссыгтæ

Цыколайаг чызг Хъарданты Верæ йæ амонд ссардта Заманхъулы Хæбæлаты мыггаджы. Æрыгон лæг æмæ ус фæстæдæр сæ цæрæн бынат раивтой Цæлыкмæ. Ирбек бынæттон хæдзарады куыста экономистæй, Верæ та скъолайы. Се ‘гъдауы, сæ хæларзæрдæты фæрцы адæмы 'хсæн уайтагъд ссардтой иумæйаг æвзаг, кад æмæ радимæ цардысты сæ астæу, сæ цæхх æмæ кæрдзын семæ дих кодтой.

Рæзт Хæбæлаты бинонты нымæц. Райгуырдис сын æртæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы æмæ иунæг рæсугъд чызг. Схъомыл сæ кодтой ныййарджытæ сæхи хуызон, адæмуарзон цæмæй уой, фæллойæн аргъ кæнын куыд зоной, ба- уагътой сын сæ туджы адæймаджы æппæт хорз миниуджытæ. Радтой сын фадат сахуыр кæнынæн, æххуыс сын кодтой царды раст фæндæгтыл æрлæууынæн. Уæдæ сæ амæндтæ дæр ссардтой.

Сæ кæрæдзийы цинæй цардысты бинонтæ. Фæлæ хъысмæт æгъатыр рауайы иуæй-иу хатт. Æмгъуыдæй раздæр йе ‘цæг дунемæ ацыд бинонты хистæр Ирбег, æдзардæй йæ ингæны дуар бакодта сæ лæппу Зауыр дæр. Ныррыст Верæйы зæрдæ. Йæ цард ын ад нал кодта. Фæлæ æмбаргæ, зондджын сылгоймаг йæ алыварсмæ куы акæстытæ кодта, æмæ зындзинæдтæ чи бавзæрста, уыдон чысыл куынæ уыдысты, уæд йæ хъарутæ æрбамбырд кодта æмæ дарддæр цард йæ кæстæрты ныфсæн.

Æрæджы нæм Верæ редакцимæ телефонæй сдзырдта, куырдта нæ, цæмæй йын нæ газеты фæрстыл раарфæ кæнæм йæ хорз чындзытæн, уæлдайдæр Зæлинæйæн. Уый йемæ цæры йæ лæппу Олегимæ. Олег кусы Цæлыччы скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæгæй.

Верæйы курдиат сæххæст кæнæм, зæгъгæ, ацыдыстæм Цæлыкмæ. Хæдзары дуары бахостмæ нæм ракаст аив, хæрзконд æрыгон сылгоймаг. Сæ райдзаст, æфснайд кæрты афтæ дзæбæх фидыдта, æмæ дзы зæрдæ рад. Верæ нæ хъæуы, зæгъгæ, йын бамбарын кодтам. Уый нын мидбылхудгæ мидæмæ ацамыдта, æмæ сдзырдта: «Уатмæ ахизут».

Сыгъдæг агъуысты, цæхæртæ калгæ хуыссæнты хуыссыд ас сылгоймаг. Куы нæ базыдта, чи стæм уый, уæд ныл тынг бацин кодта æмæ дзурынмæ фæцис:

— Æртæ чындзы мын ис. Альбинæ æмæ Фатимæ хицæн хæдзæртты цæрынц, бæрæг мæ кæнынц, рæвдауынц мæ уыдон дæр, фæлæ мын Зæлинæ куыд у, афтæ ничи никæмæн уыдзæн. Раст ын цыма йæ гыццыл сывæллон дæн, афтæ мæм зилы. Рынчындоны дыууæ мæйы фæдæн, æмæ мæм уым дæр æхсæвæй-бонæй Зæ- линæ каст мæ чызг Зæлинæйымæ (æм- нæмттæ сты). 80 азы мыл рынчындоны хуысгæйæ сæххæст, æмæ мын уым мæ дзæбæх кæстæртæ диссаджы бæрæгбон сарæзтой. Æд хуынтæ, æд лæвæрттæ мæм æрцыдысты.

Цæвиттон, æртæ мæйы размæ Верæ фæкалд æмæ йæ син асаста. Уæдæй нырмæ ис хуыссæн- уаты. Куыд загъта, афтæмæй раздæр рынчындоны уыд, ныр сæхимæ ис, фæлæ сынтæгæй не сты.

Æфсин афтæ райгонд у йæ чындз Зæлинæйæ, æмæ йæ ном сдзургæйæ дæр фырцинæй йæ цæссыг æркалы.

— Æхсæв æм цалдæр хатты куы сдзурын цафон фæнды, уæддæр уайтагъд мæ цуры æнæзивæг алæууы. Йæхи дæр никуы ницыхуызон фæкæны. Афоныл мын мæ разы хъарм хæринаг дæр авæры.

Нæ зæрдæмæ махæн дæр тынг фæцыд Зæлинæ. У фæлмæн адæймаг, йе ‘фсинимæ дзырдта лæгъз дзыхы ныхасæй, цыма йæхи чызг, афтæ. Уайтагъд махæн дæр диссаджы фынг арæвдз кодта.

Кæмæй æмæ кæцон у дæ чындз, зæгъгæ, нæ фысымы куы афарстам, уæд афтæ:

— Нæхи сыхаг у, Сихъоты Бæгъатыры чызг. Цыппар хойы сты, æмæ се ‘ппæт дæр тынг дзæбæх цæрынц сæ бинонтимæ. Царды фæзилæнтыл, бинонтимæ куыд цæрын хъæуы, уыцы миниуджытыл сæ сæ ныййарджытæ хорз сахуыр кодтой. Сæ туджы сын бауагътой, цæмæй уой æгъдауджын, хиуыл хæцгæ, хистæрæн аргъ кæной, сæ бон куыд у, афтæ йæ рæвдауой. Æмæ æххæст кæнынц сæ царды уыцы фæдзæхстытæ Сихъоты хотæ.

Зæлинæ сæрæн у сыхы мидæг дæр. Кæд Дзæуджыхъæуы паддзахадон университет фæцис каст, дохтыры диплом æм нæй, уæддæр хос авæрын кæмæн бахъæуы, йæ туджы æлхъывдад абарын, афтекмæ ауайын – алкæмæн дæр зæрдæйæ балæггад кæны. Æрæджы сæ сыхаг Тменаты Бади амард, æмæ йын уым зиан æфснайæн бон æппæт адæмы æхсæн бирæ арфæтæ фæкодтой, йæ рынчыны рæстæг æппынæдзух йæ уæлхъус кæй лæууыд, уый тыххæй.

Нæ фысымтæ кæрæдзийæ зæрдæрухс, арфæйаг кæй уыдысты, уый мах удты дæр цыдæр циндзинад бауагъта. Фæстæмæ сæ здæхтыстæм райгондæй, æмæ хъуыды кодтам: тæхуды, æмæ чындзытæ иууылдæр Сихъоты Зæлинæйы хуызæн куы уаиккой, сæ нæмттæ дзургæйæ-иу се ‘фсинтæ амонды цæссыгтæ цæмæй æркалой. Уый бинонты амонд у...

ХОСОНТЫ Земфирæ. Къам систа КОЗЫРТЫ Аленæ.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ