Опрос

Как вы оцениваете работу, проводимую подразделением по противодействию коррупции Администрации местного самоуправления Правобережного района РСО-Алания в 2023 году?

Высокий - 81%
Средний - 9.5%
Низкий - 9.5%

Total votes: 21
The voting for this poll has ended on: 05 Март 2024 - 10:55

Зилгæйæгтæ сæхи бафæдзæхстой Уастыджийыл

Хурхæтæны мæйæн йæ дыккаг хуыцаубоны, Зилгæйы хъæубæстæ æрвылаз бæрæг кæнынц Къохы Уастырджийы бон. Бæрæгбон хъæуы цæрджытæн у кадджын, æмæ йæм зæрдæбынæй афæдзæй-афæдзмæ фенхъæлмæ кæсынц. Кувæндон хъæубæстæн у æрдхæрæны бынат. Ам дзуары бын кодтой кæнгæ æфсымæртæ, ног чындзы йыл фæдзæхстой, уæдæ кæстæртæй исчи йæ æфсæддон хæс æххæст кæнынмæ куы фæцæуы, уæд уый дæр дзуарыл бафæдзæхсынц æмæ йæ афтæмæй афæндараст кæнынц йæ фæндагыл.

Раздæр хъæуы администраци, ветеранты совет æмæ «Ныхас»-ы уæнгтæ куыд бауынаффæ кодтой, уымæ гæсгæ, алы аз дæр куывд бацæттæ кæнынц уынггай. Ацы аз уыцы бæрнон хæс æххæст кодтой Э.Æхсараты, Ю.Титовы æмæ Рощæйы уынгты цæрджытæ. Сылгоймаг æфсинтæ: Беруаты Лидæ, Къодалаты Таня, Мелыкаты Луизæ, Мелыкаты Ленæ, Мæрзойты Альбинæ, Джаджиты Риммæ, Нæкуысаты Маринæ æмæ Мæрзойты Зæринæ бахсыстой нæртон бæгæны, скодтой дзаджджын уæливыхтæ, стæй ма æндæр хæринæгтæ, куывдæн цы хъуыд, уыдон. Нæлгоймаг æфсинтæ: Болиаты Хъазыбег, Мæрзойты Феликс, Гусалты Валери, Мелыкаты Хъазыбег, Кцойты Хазби, Дзгойты Тамерлан, Беруаты Заур, сæ сæргъы Нæкуысаты Аслан, афтæмæй дзуары бын акодтой бæзнаг кусарт. Уæдæ хъæуы цæрджытæн дæр сæ къух куыд амыдта, афтæ раттой мысайнæгтæ, стæй се 'ртыгай кæрдзынтимæ ссыдысты дзуары бынмæ.

Куывды бадты агъоммæ хъæуы куырыхон лæгтæ Карсанаты Афæхъо, Болиаты Майрæм (дзуарылæг), Бзарты Изма æмæ Самты Тамик зæрдæбын ныхас кодтой куывддон адæмимæ. Се ‘ргом тынгдæр здæхт уыд рæзгæ фæсивæдмæ, нæ сомбоны цардаразджытæм, уыдон сагъæс кодтой, цæмæй нæ фыдæлты фарн, не ‘гъдæуттæ æмæ нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтмæ фæсивæд куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой, фæлæ сæ уарзой зæрдæбынæй, кад æмæ сын аргъ кæной æмæ сæ мынæг кæнын ма бауадзой.

Уазджыты номæй ма сæ хъуыдытæ загътой районы хайад «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнг Дзуццаты Саханджери æмæ ЦИПУ-йы профессор Бзарты Руслан. Зилгæйыхъæуæй рацæуæг, нæ республикæйы зындгонд фыссæг, журнал «Мах дуг»-ы бæрнон нымæрдар Гусалты Барис та æмбырд адæмæн балæвар кодта йæ къухæй фыст чингуытæ.

Уæдмæ бæркадджын фынгтæ дæр уыдысты цæттæ æмæ алчидæр йæ бынат бацахста. Карсанаты Афæхъо, нæртон бæгæныйы къусæй æмæ кусарты рахиз базыгæй бафæдзæхста Стыр Хуыцау, Уастырджи æмæ иннæ дзуæрттыл куывддон адæмы æмæ кувæггаг авæрдта, йæ рахизфарс ын «оммен» цы кæстæртæ кодтой, уыдонмæ.

Сидт сидты фæдыл, гаджидау гаджидауы ивгæйæ, афтæмæй адæм кæрæдзийы æмбаргæйæ рæсугъд фæбадтысты бæрæгбоны фынгтыл. Стæй сæ алчидæр ссардта йæ фæрныг хæдзар.

Зилгæйы хъæубæстæ, Уастырджийы фæдзæхст ут, цæмæ бæллут, уый уæ къухы бафтæд. Иннæ ацафон та уæ бæрæгбоныл дзæбæх, æнæнизæй куыд сæмбæлат, уый уын Дунейы фарн балæвар кæнæд!

ХÆМЫЦАТЫ Раман,

ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы ирон æгъдæутты комитеты уæнг.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ