Олгинскæйы ныссагътой «Уæлахизы парк»

Олгинскæйæгтæ се ‘мхъæуккæгтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдыры чи фесæфт, уыдоны нæмттæ сæнусон кæнынæн ныссагътой бæлæстæ, сæ алыварс сын сæхгæдтой æмæ йæ схуыдтой «Уæлахизы парк». Хъæуы администрацийы сæйраг специалист Кънататы Дзерассæ нын куыд радзырдта, афтæмæй йæм дæргъвæтин рæстæг æргом ничи здæхта. Паркæй рауад фосхизæн бынат, пырх æрцыд йæ алыварс цы быру уыд, уый.

Парк уыцы æвидауц уавæрмæ кæй æрцыд, уый олгинскæйæгтæм раст нæ кæсы æмæ се ‘хсæн æрæмбырд кодтой æхца, цæмæй йæм базилой, уый тыххæй. Уыцы куыстмæ хорз февнæлдтой фæсивæд, сæ разæй бынæттон администрацийы сæргълæууæг Хæмыцаты Эрик, раздæры хъæуыхицау Цæллаггаты Арсен, фæсивæдæй Цæллаггаты Алан æмæ Хæтæгты Артур, афтæмæй. Æфснайынмæ йæм рацыдысты скъоладзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ. Хадыхъаты Астемыр та æххæст кæны быру æндадзæн куыстытæ.

Олгинскæйæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй «Уæлахизы парчы» æмæ хъæуы сыгъдæгдзинд саразыны куыстытæ 9-æм Маймæ хъуамæ фæуой.

Дзерассæ ма нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй фæсивæд тынг æргом аздæхтой хъæуы фæлгонцмæ дæр. Хи хъаруйæ сæ бон цы у, уыдоныл архайынц. Афтæ, Олгинскæйы сæйраг уынг тынг æвидауц кодта раджы скълæдтæ кæм уыдысты, уыдоны дæргъæй-дæргъмæ зæронд æмæ кæлдтытæ къул. Ныр æй сæрæн лæппутæ райхæлдтой, бынат та сыгъдæг кæнынц. Иу хатт уал зиу скодтой зæронд уæлмæрдтæ бафснайыны тыххæй дæр.

ХОСОНТЫ Земфирæ.

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ