Хæлардзинады тæгтæ

Къорд азы разæй нæ районы Ныхас æмæ ветеранты Советы уæнгтæ цалдæрæй ацыдысты уазæгуаты Æрыдонмæ. Сæ балцы сæр уыдис, ацы районы æвæгæсæг зæронд адæммæ йæ цæст цы хайад дары, уый куыстимæ базонгæ уын.

Тынг æхсызгонæй сыл сæмбæлыдысты æрыдойнæгтæ, æмæ та æрæджы Рахизфарсы районы Ныхасы сæргълæууæг Томайты Савелийы зæрды æрлæууыд сæ рагон зонгæты бабæрæг кæнын. Сæ фæнд царды ауагътой – срæвдз кодтой æцæг ирон хуын – æртæ чъирийы, карк, лыстæг митæ, графин арахъхъ (йæ хъуыры нартхоры хъузг тъыст), Ныхасы фольклорон ансамбль «Æрфæны фæд» сын хъуамæ сæ зæрдæтæ барухс кодтаид концертæй. Уазджыты къорд - Томайты Савели, Ныхасы бæрнон нымæрдар Къубалты Зинæ, Беслæныхъæуы Лæгты Дзуары кувæндоны Советы уæнг Кцойты Гермæн, районы Культурæйы галуаны сæргълæууæг Туаты Риммæ, районы Сылгоймæгты советы сæрдар Цъыккаты Зарæ, Беслæныхъæуы ветеранты Советы сæргълæууæг Исупов Алыксандр, Советы минæвæрттæ Бæтæгаты Рая, Дзуццаты Заремæ æмæ ацы рæнхъыты автор бынатмæ куы 'рхæццæ сты, уæд та сыл фысымтæ тынг бацин кодтой, бахъæлдзæг сты, графины хуырæй цы хъузг каст, ууыл дæр.

Æвæгæсæг зæронд адæммæ йæ цæст цы хайад дары, уый тыххæй радзурдзыстæм лæмбынæгдæр. Йæ сæргъы лæууы Томайты Зитæ. Хайады цур кусы боны стационар,йæ сæргълæууæг Лолаты Ритæ, кæцыйы æвæгæсæг зæронд адæм æрвылбон сæ рæстæг æрвитынц. Культурон –дзыллон куыстыл дзуапп дæтты Елеты Зæирæ, хæдзарадон фарстатæ та сты Цомайты Аличы бæрны. Ам райсомæй фæссихормæ фæвæййынц 29 адæймаджы, дыууæ хатты хæрзад хæринаг бахæрынц, сæ хъус сæм дарынц Центры кусджытæ, медицинон хо цæттæ у фыццаг тагъд æххуыс раттынмæ, ис дзы массажист. Кæсын чи уарзы, уыдон библиотекæйы ссардзысты сæ уарзон авторты уацмыстæ, ног газеттæ æмæ журналтæ.

Ам хъæрмуд бинонтау æнгом цæрынц – иу сты сæ цин æмæ сæ хъыг. Зилынц дидинджытæм, курдиат кæмæ ис, уыдон зарынц, сæ аивадæй барухс кæнынц скъоладзауты, рæвдауæндæтты сабиты зæрдæтæ, суанг ма республикон конкурсты дæр архайынц, зæгъæм, Лекъты Зинæ æрæджы ахæм конкурсы инвалидты ‘хсæн бацахста фыццаг бынат. Иузагъдæй, Æрыдоны районы хицауад зæрдиагæй узæлы хистæр фæлтæры минæвæрттыл.

Ныр та раздæхæм нæ балцмæ. Фысымтæ æмæ уазджытæ кæрæдзийыл куы бацин кодтой, уæд лæмбынæг æрдзырдтой фæсивæды ‘хсæн хъомыладон куыст парахат кæныны мадзæлттыл, дыууæ горæты æхсæнадон организацитæм цы фæлтæрддзинад ис, цы хотыхтæй пайда кæнынц, уыдæттыл. Стæй райдыдта концерт. Фыццаг акафыдысты райдзаст холлы, стæй рацыдысты уæрæх кæртмæ – дзæнæтон рæсугъд бынатмæ. Ам чысыл сыгъдæг суадоны был хъæдын беседкæтæ хурæй аууон лæвæрдтой. Суадонæй дымгæйы уддзæф æхсызгон рæвдыдта фембæлды архайджыты. «Æрфæны фæд» - Къубалты Зинæйы, Ардасенты Алыксандры, Тетаты Эльвричы, Æгъуызарты Ритæйы, Касаты Раяйы, Деметы Зинæйы аив тыхджын рæсугъд хъæлæстæй, Къониаты Азæйы фæндырдзагъдæй, балалайкæты зæланггæнаг зæлтæй пайда кæнгæйæ акодта ирон æмæ уырыссаг зарджытæ, æрыдойнæгтæ дæр дзыхъхъы нæ ныллæууыдысты, зæрдиагæй хъырныдтой, ранæй-рæтты семæ зарыдысты. Концерт дзæвгар рæстæг ахаста, стæй æрцыд цæхх-къæбæр бахæрыны рад дæр… Дзæбæх баизæр, афтæ уазджытæ хæрзбон загътой фысымтæн, баныхас кодтой, тагъд рæстæджы та сæ кæй абæрæг кæндзысты, æмæ Беслæныхъæумæ сæ фæндаг адардтой.

ГАПБАТЫ Алетæ.

 

 

ПОЛЕЗНЫЕ ССЫЛКИ